Хицауады æмбырды æрдзырдтой республикайы социалон экономикон райрæзтыл

2022-æм азы райдианæй Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты мызд фæфылдæр уыдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Регионы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддагæн рахай кæндзысты 329 милуан 8 сæдæ мин сомы. Сæ мызды рæстæмбис бæрц 1мин 500 сомы кæмæн фæфылдæр уыдзæн, уыцы ахуыргæнджыты нымæц ныртæккæ у 14 мины. Уæлæмхасæн фиддонтæ исдзысты куыд фæлтæрдджын педагогтæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Бæхты театр «Нарты» æмæ паддзахадон ансамбль «Алан»-ы райрæзтæн республикæйы хицауад рахай кодта 600 милуан сомы бæрц. Ахæм хæс хицауады размæ сæвæрдта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы фарстатыл дæр. Дзуапдæттæг министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тамайты Майрæн куыд фæнысан кодта, афтæмæй Беслæны Кооперативты æмæ Ленины номыл уынгты рацараздзысты дондзæуæн æмæ донцъирæн хæтæлтæ. Куыстытæн рахай кæндзысты 825 мин сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма, æмбырды дзырдтой социалон объектты арæзтадыл æмæ районты бюджеттæм уæлæмхасæн фæрæзтæ бафтауыныл. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top