Vídeo de Andrey Kriss

Коронавирусæй рынчынты нымæц ивгъуыд къуырийы фæкъаддæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Хицауады уæнгтæ ма фæнысан кодтой Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ эпидемиологон домæнтæ карздæрæй æххæст кæнын кæй хъæуы. Сæ интернационалон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы æфсæддонты абон æрымысыдысты Дзæуджыхъæуы. Афганистаны хæсты Цæгат Ирыстонæй архайдтой 1500 адæймаджы. 58 дзы нал сыздæхтысты сæ райгуырæн бæстæмæ. Конкурс «Иры Фарн» æргом кæны хæдахуыр дæсныты сфæлдыстад. Азæй-азмæ йæ архайджыты нымæц фылдæр кæны - афтæмæй рæзы къультурæйы къабаз дæр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top