Ахæм хабæрттæ// 2022/ 26 сентября

Контролон уадзæн пункт Уæллаг ларсы рады лæууынц 3500-йы бæрц рог хæдтулгæйы. Ноджы ма 800 та рады лæууынц сыхаг республикæтимæ арæнтæм хæстæг. Уавæрыл бацархайыны уынаффæ Сергей Меняйло радта хицауады æмбырды. Хæцæнграз кæмæ ис, уыцы адæмы та радон хатт сбæрæг кæндзысты Уæрæсейы гвардийы æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Бæлвырд кæнынц хæцæнгарзæн сæрмагонд документтæ. Дæсныйадæвдисæн ахуыртæ республикæйы сабитæн сорæзтой зындгонд нывгæнджытæ. Сæ сæргъы Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Абысалты Юрий. Аивадон мадзалы тыххæй - нæ равдысты. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top