Ахæм хабæрттæ// 2022/ 14 ноября

Дзæуджыхъæуæй Лескенмæ ног фæндаджы арæзтады тыххæй ныхас цыд аппаратон æмбырды. Уыцы хъуыддагæн уæлæмхасæн хуызы республикæйæн рахай кæндзысты 400 милуан сомы. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Мичурины хъæуы цур. Бæлвырддæр - радзурдзыстæм. Сæкæрнизимæ тох кæныны æппæтдунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Беслæны медицинон центры бындурыл цы Диабеты скъолайа ис, уый архайды тыххæй радзурдзыстæм. Ныр 5 азы дæргъы «Гранит-Ир» кæны доломиты куыст. Уæрæсейы егъау арæзтадон компанитæ дзы пайда кæнынц активонæй. Уымæ гæсгæ ам фæнд кæнынц сæ архайд фæуæрæхдæр кæнын. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top