Ахæм хабæрттæ// 2022/ 20 декабря

Фидæны аз республикæйы арæзтадон куыстытæ цæудзысты 160 объекты. Ног æхсæнадон инфраструктурæ саразын та у фыццаг сæйраг хæс. дзанайты Барисы разамындæй хициуады хæдзары уыд сæрмагонд æмбырд. Йæ хатдзæгтæ - нæ равдысты. Мобилизацийы фæлгæты æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны бинонтæн æххуыс кæнынц æппынæдзух. Канд хицауады оргæнтæ нæ, фæлæ ма бархионтæ дæр. Бæлвырддæр нæ программæйы. Бæслæны райдыдта ног музыкалон скъолайы арæзтад. Ныртæккæ сывæллæттæ цы бæстыхайы ахуыр кæнынц, уый нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Бæлвырддæр чысыл фæстæдæр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top