Ахæм хабæрттæ// 2022/ 12 сентября

Цæгат Ирыстоны дыууæ боны дæргъы схъæлæс кодтой цæрджыты 69% фылдæр. Æвзæрстыты рагагъоммæйы хатдзæгтæ абон фехъусын кодтой республикæйы центрон æвзарæн къамисы. Иу къуыримæ республикæйы коронавирусæй рынчынты нымæц фæкъаддæр 6,5 %. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Цæуыл ма æрдзырдтой хицауады уæнгтæ, уый радзурдзыстæм. Æнцондæрæй æмæ нырыккон хуызы. Æхсæнадон транспорты ныр бафидæн ис банчы картæйæ дæр. Нырма уал æрмæст 13-æм æмæ 32-æм маршрутты. Ногдзинады тыххæй радзурдзыстæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top