Хабæрттæ // 2023 / 17 июля

76 æнæзакъон бырондоны рабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны. Сæ фылдæр сын ныридæгæн бафснайдтой. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Президенты гранттæ рамбулыны æркасты нæ республикæ æрвылаз æнтыстджынæй бацархайы. Ныр дæр та дзы Цæгат Ирыстонæй ис 7 уæлахиздзауы. Паддзахадон æххуыс райстой æнæкоммерцирн организацитæ. Фæндаггон змæлды фæткхалджытæ бирæ. Се ’хсæн - нозтджынæй хæдтулгæтæ чи тæры, ахæмтæ дæр. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сарæзтой рейдтæ. Бæлвырддæр уый тыххæй чысыл фæстæдæр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top