Цæгат Ирыстон куыд цæттæ кæны хъармгæнæн сезонмæ? Куыд ахады дæрддзæгмæ хуызы ахуырад скъоладзаутыл?

Уæдæ æрдз дæр йæ кæнон кæны, æмæ та нæм æрхæццæ кæнынц уазæлттæ. Уый тыххæй тагъд райдайдзæн хъармгæнæн сезон. Цæгат Ирыстон йæхи куыд цæттæ кæны хъармгæнæн сезонмæ, уый тыххæй мах аныхас кæндзыстæм нæ абоны уазджытимæ. А-изæр нæм æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты - коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Хадыхъаты Алан æмæ Алагиры районы администрацийы инженерон коммуникациты хайады хицауы хæдивæг Дудиаты Барис. Азæй-азмæ нæ царды æрцæуынц цавæрдæр ивддзинæдтæ. Æмæ уый раст у. Уымæн æмæ уыцы ивддзинæдты фæрцы ивæм нæхæдæг дæр. Иуныхасæй, размæ цæуæм. Ацы аз дæр нæ царды арф фæд ныууадздзæн. Бирæтæ нæ алы уавæртæм гæсгæ аивтой сæ хъуыдыкæнынад, иуæй-иутæ та - суанг сæ царды фæткæвæрд дæр. Уæдæ уыцы ивддзинæдтæ ахуыры къабазыл дæр фæбæрæг сты. Пандемийæйы рæстæг куыд скъоладзаутæн, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн дæр сæ ахуыры фæтк фендæрхуызон. Зонындзинæдтæ исын райдыдтой дæрддзæгмæ хуызы. Ома, студенттæн парæтæ райдыдтой кæнын сæ хæдзæртты интернеты фæрцы. Уый фæдыл не сфæлдыстадон къордмæ равзæ
Back to Top