«Нæхи Къоста»

Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 165 азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл «15-æм Регион»   сарæзта сæрмагонд ног  проект «Нæхи Къоста». Къоста æппæт дзыллæтæн дæр æмхузон уарзон поэт у. Цæмæн? Къостайæн куыд бантыст адæмы цард, сæ бæллицтæ, сæ хъыг алывæрсыгæй равдисын,  афтæ стæм фысджыты къухы бафты. Цæмæй, афтæ арф ныккæсай уый бæрц адæмы зæрдæтæм æмæ сын сæ тæгтæ бæзмæлын кæнай, уый тыххæй хъуамæ уай стыр курдиаты хицау. Къостайы цард , йе сфæлдыстад комкомæ баст у, кæрæдзийæ фæхиццæнгæнæн кæмæн нæй, ахæм цæгтæй царды æцæгдзинадимæ. Сыгъдæг адæмон зæллангæнаг æвзаджы хъæздыг æвæрæнтæй æнтысджынæй кæй пайда  кодта, уый та йæ систа, поэзийы сæххæссæн кæдæм нæй, ахæм бæрзонд къæпхæнмæ. Йæ хъуыдытæ нын раргом кодта Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, ахуыргонд, филолог, журналист Хозиты Барис
Back to Top