Дзгойты Аллæ #Цы сусæг кæныс

«Зæххон хуыцæуттæ», «Сидзæргæс», «Ревизор», «Саухъус æлдар», «Сырдоны сиахс», киноныв «Во всем виновата Залина»… Ацы æмæ æндæр спектакльты æмæ кинонывы актертæ арф фæд ныууагътой Цæгат Ирыстоны культурæйы. Иуæй-иннæ хуыздæр æмæ курдиатджындæр. Фыццаджыдæр та - уарзон. ⠀ Уыцы стъалыты гуппары хсæн бæрæг дары иу сылгоймаг. 40 азæй фылдæр лæггад кæны Ирыстоны театруарзджытæн. Йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй сæ тынг бирæ уарзы, æнæ уыдонæй йæ бон нæу. Æмæ мæм куыд кæсы, афтæмæй йæм аивадуарзджытæ дæр уыцы зæрдæ дарынц. Абон уе ппæтæн æмæ мæхицæн кæнын æхсызгон лæвар - фембæлдзыстæм ирон театры актрисæ Дзгойты Аллæимæ. _ Мы рядом в:
Back to Top