Æвзæрстытæ æмæ хъæуккаг блогеры куыст i Комæй-коммæ

10-æм сентябры Цæгат Ирыстоны фондз районы ацæудзысты æвзæрстытæ. Уыдзысты Алагиры, Кировы, Æрæфы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты. Адæм хъæлæс кæндзысты хъæуты муниципалон скондты депутаттыл, хъæуы администрациты сæргълæуджытыл. Æрæфы районы та равзардзысты районы сæргълæууæджы. Дзурæм сыл нæ программæйы. Сæрдæн йæ фæстаг бон дунейы сбæрæг кæнынц Блогы бон. Цы пайда хæссынц хъæуккаг цард æвдисæг блогертæ хъæутæн, уый та иртасæм нæ программæйы дыккаг хайы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top