Къуымæриттаты Тенгиз | Арвайдæн

Арвайдæны уазджытæ - йæ цард ирон аивадæн чи снывонд кодта, уыцы фæрныг адæм. Аивад равзæры адæмы цин æмæ мастæй, фыдох æмæ уарзтæй. Йæ бæрзæндтæм схизын йæ къухы бафты, йæ адæмимæ зæрдæйы тæгтæй баст чи вæййы, йæ туг йе стæгæй чи равзæры æрмæстдæр, уыцы иутæ. Уыдонмæ æнæдызæрдыгæй хауы нæ абоны хъайтар – Цæгат Ирыстоны паддзахадон, национ, Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты оркестр, йæ дирижер - Къуымæриттаты Тенгиз. Ацы изæр азæлдзысты ирон аивады зарæг – цыртдзæвæнтæ кæй ис схонæн уыдонæй цалдæр. _ Мы рядом в:
Back to Top