Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 17 июля 2018

Февзидыны хуызæн куыстытæ. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты фæзтæ дзуапп нæ дæттынц нырыккон домæнтæн. Цæмæй дæттой, уыйтыххæй та адæмы бахъæудзæн сæ дзыппытæм нывналын. Куыд, уый зæгъдзыстæм. Дæ салам, дам, бирæ! Дзæуджыхъæуæй Мæскуымæ цы хæдтæхæг атахт, уымæ æгæр æрбахæстæг Мæскуыйæ Тбилисмæ ратæхæг æндæр хæдтæхæг. Экипажты аххос у æви хæлиудзых диспетчеры, уый ныртæккæ иртасынц. Хонгæ кафт æви бокс? Гасситы Мурат йæ бæттæнтæ тоны Александр Усиккимæ фембæлынмæ, уый та абон-райсом кæны. Ацы сахатмæ та уал сразы ис рингмæ рацæуынмæ. Ма фацæстдзыд уæд йæ фæнд! _ Мы рядом в:
Back to Top