Балц Хидыхъусмæ I Фыдæлты уæзæгмæ

Ирыстоны алы комы дæр фенæн ис æрдзы амæй-ай рæсугъддæр нывтæ, алы хъæуы дæр амæй-ай цымыдисагдæр хабæрттæ базонæн йæ цард æмæ историйы тыххæй... Абон уæ мах хонæм балцы Куырттаты комы зæронддæр хъæутæй иу – Хидыхъусмæ. Йæ ном ныр фылдæр зындгонд у, моладзандон дзы кæй сарæзтой ивгъуыд æнусы кæрон, уымæй. Фæлæ хъæуы истори у бирæ рагондæр. Хидыхъусы равзæрд баст у, фыццаджыдæр, Ос-Бæгъатыры æфсады раздзæуджытæй иу – Цымытиимæ. Таурæгъмæ гæсгæ, Цымытийы цыппар фыртæй равзæргæ мыггæгты руаджы, ацы хъæу сси астæуккаг æнусты фæстæ хъуыстгонд æмæ фидауцджын цæрæг хъæу. Йæ цардвæндаджы чиныджы фыст æрцыд бирæ цымыдисаг хабæрттæ æмæ уыдон сты фидæны фæлтæртæн дæр зæрдылдаринаг. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top