Цæгат Ирыстоны цæуы æрыгон ахуыргæнджыты регионалон конкурс

Райдыдта «Педагогон дебют» регионалон конкурс. Архайынц дзы 20 æрыгон ахуыргæнæджы. Сæ фæлтæрддзинад 4 азæй фылдæр нæу. Иууылдæр сты муниципалон къæпхæны уæлазиздзаутæ æмæ призёртæ. Æдæппæтæй æртæ туры «Учитель-профессионал», «Учитель-оратор» æмæ «Учитель-лидер». Конкурсантты зонындзинæдтæн аргъ кæны дæсны жюри. Конкурс цæудзæн дыууæ къуырийы Беслæны фыццæгæм скъолайы бындурыл. Уæлахиздзау хъахъхъæндзæн республикæйы кад Мæскуыйы æппæтуæрæсеон æмвæзадыл. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top