Цæгат Ирыстоны техникумты æмæ колледжты байгом кодтой ног дæсныйæдтæ | Дуг. Цаутæ. Адæм

2020 азы ахуыры аз фæци æмæ ныр рауагъдонты раз ис, ныры онг кæимæ не мбæлыдысты, ахæм фарста. Фыццаджыдæр, сæ ахуыры фæндаг дарддæр кæдæм у, стæй цавæр домæнтæм гæсгæ. Раст зæгъгæйæ, коронавирусы аххосæй ацы хъуыддаджы дæр фæзынд ивддзинæдтæ. Сæ сæйрагдæр - рауагъдонтæн сæ курдиæттæ гæххæттытæ исæн къамисмæ интернетæй æрбарвитыны бар кæй ис, уый. Æмгъуыд 25 августмæ. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахуыргæнæндæттæм исдзысты скъолаты рауагъдонты аттестаты рæстæмбис бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Цавæр дæсныйæдтæй у сæ бон равзарын, ногтæ сыл бафтыд æви нæ, стæй цавæртæ - ууыл уыдзæн нæ абоны ныхас. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top