Хабæрттæ // 2021 / 20 октября

Владимир Путин сразы ис 30-æм октябрæй 7-æм ноябрмæ нæ бæстæйы снысан кæнын æнæкусгæ бонтæ. Уæрæсейы президент ма расидт регионтæм, уавæрмæ гæсгæ, æнæкусгæ бонтæ банымайын 23-æм октябрæй. Хъæугæ æххуыс. Цæгат Ирыстоны сывæллонджын бинонтæн рахай кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. Сæрмагонд бадзырд бафыста Михаил Мишустин. Кæмæ хауынц уæлæмхасæн фæрæзтæ, уый тыххæй радзурдзыстæм. Дзæуджыхъæуы ихы галуаны ацыдысты æрыгон хоккеистты ’хсæн ерыстæ. Фыццаг бынатыл тох «Аланские барсы» æмæ Новочеркассаг «Атаманы» ’хсæн рауад. Тыхджыдæр кæцы командæ разынд, уый базыдтам. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top