Цæгат Ирыстоны цæуы æппæтуæрæсеон фæсивæдон-ахуырадон форум

«Æнæ арæнтæй», зæгъгæ, форум райдыдта Цæгат Ирыстоны. 7 боны дæргъы йæ архайджытæм æнхъæлмæ кæсы ахадгæ куыст. Ахуырадон тренингтæ, зындгонд спортсментимæ æмæ культурæйы къабазы архайджытимæ фембæлдтæ. Сæйраг та уый у, æмæ форумы архайынц, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм адæм Уæрæсейы алы рæттæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. 240 адæймаджы Уæрæсейы алы регионтæй. Се ’ппæты дæр æрбангом кодта æппæтуæрæсеон фæсивæдон-ахуырадон форум «Без границ». Бирæтæ дзы фыццаг хатт нæ архайынц. Йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæмæн форум дæтты фадат сæ фæлтæрддзинад фæфылдæр кæнын, стæй сæ проекттыл бакусын. Форумы программæ у бирæвæрсыг. Алы бон дæр куыст цæудзæн хицæн къабазмæ гæсгæ. Стыр æргом аздахдзысты ахуырадон программæмæ, социалон æмæ бизнес проекттæм. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, форум азæй-азмæ рæзы. Цы специалисттæ дзы архайынц, уыдоны нымæц дæр фылдæр кæны. Форум «Без границ» сарæзтой президенты грантты фонд æмæ меценатты æххуысæй. Йæ сæйраг хæс у, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдо
Back to Top