“Ног горæт“-ы цæрджытæ хъаст кæнынц социалон инфраструктурæйæ

Адæмы фæндаджы был бахъæуы æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсын. Фæлæ Хъæбæлоты Билары номыл уынгæй æрлæууæнмæ бацæуын дæр æнцон хъуыддаг нæу. Уыимæ ма сæ æхсæнадон транспортмæ дæр сахаты бæрц æнхъæлмæ кæсын бахъæуы. Ауылты цæуы 2 маршруты - 25-æм æмæ 27-æм. Фæлæ уыдонæй дæр 27-æм стæм хатт вæййы, зæгъынц цæрджытæ. Сæрмагонд æрлæууæн бынттæ дзы нæй æмæ уымæ гæсгæ адæм фенхъæлмæ кæсынц хæдтулгæтæ кæм цæуынц, уыцы фæндæгтыл. Нæй дзы тротуартæ дæр, фистæгæй цæуджытæн сæрмагонд ахизæнтæ, хъаст кæнынц цæрджытæ. Ахуырдзау Виктория Микоян скъоламæ æмæ фæстæмæ цæугæйæ бирæ цæлхдурты сæрты ахизы. Урокты фæстæ та ма фæцæуы уæлæмхасæн ахуырад кæм исы, ахæм бынæттæм. 20 минуты йæ бахъæуы хæстæгдæр æрлæууæнмæ бацæуынæн, æмæ ма сахаты бæрц та маршрутон таксимæ æнхъæлмæ кæсын. Лыггæнинаг фарстаты ’хсæн канд æхсæнадон транспорт нæй. Кæрты æрбынæттон сты æнæхæдзар куыйтæ, нæй дзы тротуартæ, стæй бырондæттæ. Цæрджытæ хъаст кæнынц, тезгъо кæныны бынат дæр сын дзы кæй нæй, уымæй. Пъланмæ гæсгæ ам хъуамæ саразой парк, рæвдауæндон, фæлæ адæмæн сæ бон æнхъæлмæ кæсын нал у. Сабитæ кæм хъазой, ахæм бынат дæр нæй. Хæдзæртты алыварс у æдзæллаг, зилинаг. Афтæмæй дзы сывæллæттæ пуртийæ фæхъазынц, уый та у тæссаг. Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй микрорайон “Ног горæт“-ы аивгæнæн мадзæлттæ цæуынц къæпхæнгай. Социалон инфраструктурæ фæзыны хæдзæрттæ арæзт куы фæвæййынц, уый фæстæ. Ныртæккæ “Ног горæт“-ы аразынц дыууæ спортивон центры бассейн æмæ æхгæд футболон фæзимæ. Кæронмæ фæхæццæ кæны 550 бынатæн скъолайы арæзтад дæр. Уыимæ ма дзы райдыдтой аразын дыккаг ахуыргæнæндон дæр. Проектмæ гæсгæ дзы уыдзæн 3 рæвдауæндоны дæр, уыимæ аллейæ æмæ хæдтулгæтæн сæрмагонд æрлæууæн бынат.
Back to Top