Полилингвалон рæвдауæндон “Аргъау“-ы национ къуым алы агъуысты дæр ис
Сабитæ дыгуронау сыгъдæг дзурынц. Уарзынц дыгурон зарджытæ дæр. Полилингвалон рæвдауæндон “Аргъау“-ы национ къуым алы агъуысты дæр ис. Ирон хæдзары дзауматæй фæпайда кæнынц ахуырты. Ног программæмæ гæсгæ кусынц 2018 азæй. Фыццаг уал кæстæр къорд, ныр та æппæт хъомылгæнинæгтæ дæр.
Педагогтæ пайда кæнынц сæрмагонд литературæйæ. Зæгъæм, филологон наукæты кандидат Хъамболты Тамерланы чиныгæй. Сабитæ ахуыр кæнынц математикæ, алфамбылай дуне, вæййы сæм кафджытæ æмæ физкультурæ. Хъомылгæнинæгтæн ма амонынц дыгуронау сабитæн цы уацмыстæ фыст сты, уыдон.
Хъомылгæнджыты дарæсыл ис национ символикæ. Уый æнæмæнг у. Цы нысан кæны, уый дæр сабитæн амонынц. Рæвдауæндон иумæйаг механизмæй уæлдай нæу: педагогтæ хифыст æмдзæвгæтæй баххæст кæнынц ахуыртæ, ныййарджытæ та сæ цуры æрбалæууынц.
Хъомылгæнджытæ архайынц æппæтадæмон конференциты æмæ æххуыс кæнынц се ’мкусджытæн. Тагъд рæстæг сабитæ сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты “Иры фидæн“-мæ. Алы хатт дæр дзы хорз бынæттæ бацахсынц.