ФАД (СЛЕД) - ЦЕРКОВЬ СВЯТЫХ КОНСТАНТИНА И ЕЛЕНЫ

Нудæсæм æнусы æвдайæм азмæ Дзæуджыхъæуæй стыр горæт рауадис, фæлæ дзы иу аргъуан дæр нæ уыдис. Уæд йæ цæрджытæ æрæмбырд сты æмæ хицауадмæ сæ курдиат бахастой. Грекъаг лæг Харлампий Муратандов йæхи æхцайæ дзæвгар схардз кодта уыцы хъуыддагæн. 1879 азы, Зæрдæвæрæны 21 бон чырыстон Константин æмæ Еленæйы боны бындур æвæрд æрцыдис ног аргъуанæн.
Back to Top