Фидæны æмæ 2027-æм азы онг курдиæттæ дæттыны кампани саразыныл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды

Фидæны æмæ 2027-æм азы онг курдиæттæ дæттыны кампани саразыныл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Федералон бюджеты проекты æртæ азмæ сæвæрдтой 22 млрд сомæй фылдæр. Фæрæзтæ æрвыст æрцæудзысты арæзтад, рацарæзт, бындурон цалцæг æмæ социалон инфраструктурæйы объектты аивгæнæн куыстытæн. Æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ æмæ спорт. Зæгъæм, ахуырад æмæ наукæйы къабазы снысан кодтой 95 мадзалы. Куыстытæ фæнд кæнынц сæххæст кæнын 21 социалон ахсджиаг объекты. 2026-æм азы Змейкæйы райдайдзæн культурæйы ног галуан æмæ 360 бынатæн скъолайы арæзтад. Дзанайты Барис бабар кодта ангомдæрæй архайын федералон æмкусджытимæ сæрмагонд бадзырдта бафыссынæн.
Back to Top