Куыстуат “Аланияэнергосеть” раздæхдзæн йæ раздæры историон бæстыхаймæ
Куыстуат “Аланияэнергосеть” раздæхдзæн йæ раздæры историон бæстыхаймæ. Ныридæгæн дзы цæуы егъау рацарæзт. Ныртæккæ халынц тыргътæ, асинты бынæттæ æмæ санузелтæ. Декабры кæронмæ дзы сног кæндзысты электрон тыхы телтæ, пъолтæ æмæ къултæ. Кабинетты баивдзысты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Фидæны аз фæнд кæнынц бæстыхайы сæр æмæ хъармгæнæн системæ рацаразын. Уымæй уæлдай ма республкæйы 21 дæлстанцæйы ивынц бæстыхæйтты сæртæ. Объект бындурон цалцæг нæ уыд ивгъуыд æнусы 80-æм азтæй нырмæ.