Курдиатджын сывæллæттæ æмæ сфæлдыстадон сменæ «Ступени мастерства» | Изæры рад

Адæймагæн йæ сабибонтæ цы цаутæ срæсугъд кæнынц, уыдон сывæллоны зæрдæйы стыр фæд ныууадзынц. Уыцы мысинæгтæ æмæ йын зонындзинæдтæ йæ цардвæндаджы баххуыс кæнынц. Ахсджиаг сты, йæ алфамблай цы хабæрттæ цæуынц, уыдон. Нæ равдысты радзурдзыстæм, Ирыстоны кæстæртæн сæ курдиат куыд æргом кæнынц, уыцы мадзæлттæй иуы тыххæй. Раиртасдзыстæм, сæ хъус сæм фаг дарынц æви нæ, уый дæр. Не студийы уазджытæ уыцы фарстатæн абон дзуæппытæ дæтддзысты. Уыдон сты Хабæты Риммæ - сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны методист, Кокайты Заремæ - Беслæны сывæллæтты аивæдты хæдзары ахуыргæнæг, Гæджынаты Лианæ - ныййарæг, Гæджынаты Ардæ. Хæрз æрæджы 40 курджиатджын сывæллонæн фæцис хорз фадат сæ фæлтæрддзинад фæфылдæр кæнынæн. Цы ахуырадон мадзæлтты архайдтой, уыдоны руаджы сæ зонындзинæдтыл бафтыд. Чызджытæ æмæ лæппутæ араст сты Уыналмæ. Цавæр пайда сын æрхæсдзæн сæ балц, уымæн та нын дзуапп ратдзысты не студийы уазджытæ: Гæздæнты Еленæ - сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны адæмон инструментты хайады ахуыргæнæг, Цæллагты Фатимæ - нывгæнæг, про
Back to Top