Агънаты Мæдинæ арæх свæййы аивадон конкурстæ æмæ спортивон ерысты уæлахиздзау

Æрыгон ахуыргæнæг, спорты дæсны, фæсивæдон форум «Машук»-ы уæлахиздзау, æрмдæсны. Ацы миниуджытæ æнтыстджынæй баиу сты Агънаты Мæдинæйы. Саби ма куы уыд, уæд æй сæхимæ `лвасын райдыдтой спорт æмæ аивад. Ныр æм ис йæхи аивадон студи. Æрæджы Мæдинæ архайдта æрмдæсныты армукъа «Душа женщины»-йы. Йæ конд дзауматæ кæй зæрдæмæ нæ фæцыдысты, ахæм адæймаг нæ разынд. Агънаты Мæдинæйæн йæ алы райсом дæр райдайы спортивон залы. Æрыдоны аграрон-техникон колледжы фæсивæды ’хсæн æнæниз царды уаг парахат кæны ныр 8 азы дæргъы. Мæдинæ спорты йæхи фæлвары сабийæ нырмæ. Йæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафтыд. Арæх свæййы æрмæст республикон нæ, фæлæ æппæтуæрæсеон ерысты уæлахиздзау. Фехтованийæ у спорты дæсны. Йæ ахуырдзаутæ йæ фæзмынынц. Сæ ахуыргæнæгы уæлахизтæ сæ разæнгард кæнынц сæхиуыл бæстондæрæй кусынмæ. Мæдинæйы хорзы кой йе ’мкусджытæ дæр кæнынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй, кæд æрыгон у, уæддæр сывæллæтимæ ахастдзинæдты зындзинæдтыл никуы сæмбæлд. Фæсурокты та Мæдинæ атагъд кæны йæ иннæ куысты бынатмæ. Йæхи æрмадзмæ. Ам дæр æм фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ. Ацы сабитимæ та кæны сфæлдыстадон куыст. Сæ гыццыл къухтæй цы дзауматæ аразынц, уыдон дисы æфтауынц. 2019-æм æмæ 2020-æм азты Мæдинæ бацархайдта фæсивæдон форум «Машук»-ы. Уым равдыста проект декоративон-сфæлдыстадон куыст кæныны тыххæй. Аккаг аргъ ын скодтой йæ куыстæн. Грант бафтыд йæ къухы. Уый фæрцы сывæллæтты йæ дæсныйадимæ зонгæ кодта лæвар. Бацæттæ кодта 40 дæсныйад æвдисæн ахуыры. Байхъуыстой сæм 200 адæймагæй фылдæр. Йæ æрмадз та схуыдта «Маяк». Æрæджы Мæдинæ бацархайдта, культурæйы галуан «Металург»-ы цы адæмон æрмдæсныты армукъа уыдис, уым дæр. Схуыдтой йæ «Душа женщины», зæгъгæ. Сæ куыстытæ дзы равæрдтой 50 адæймагæй фылдæр. Фенæн дзы уыдис алыхуызон куклатæ: хъуымацæй, керамикæйæ, бæмбæгæй конд хъазæнтæ дæр. Чызджы курдиатæн ам аккаг аргъ скодтой. Схордæхджын æй кодтой дипломæй. Æрыгон курдиатджын ахуыргæнæг æнæвгъауæй лæвар кæны сывæллæттæн йæ зонындзинæдтæ спорты дæр æмæ аивадон сфæлдыстады дæр. Ацы аз дæр фæнд кæны ногæй «Машук»-ы бацархайын. Йæ проект баст у ирон национ тематикæимæ. Зæрдæ дары, ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæй бафтдзысты æмæ сывæллæттимæ дарддæр афтæ зæрдæргъæвдæй кæй архайдзæн, ууыл. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в:
Back to Top