Фæстаг дзæнгæрæг

Алайнаг гимназы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæн азæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Сабитæ сты ахуыргæнæндоны æртыккаг рауагъдонтæ. Астæуыккаг кълæстæм сæ афæндараст кодтой сæ ныййарджытæ æмæ cæ ахуыргæнджытæ, стæй гимназы уазджытæ. Сывæллæттæ равдыстой концертон программæ – бакастысты æмдзæвгæтæ, бæрæгбоны архайджыты зæрдæтæ барухс кодтой зарджытæй æмæ нæртон симдæй.
Back to Top