Дзæуджыхъæуы уыд республикæйы хицауады æмбырд
Беслæны терракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æххуысæн рахай кæндзысты 41 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды фехъусын кодта республикæйы финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхцайы фæрæзтæ нысангонд сты медицинон æххуысæн æмæ социалон реабилитацийæн.
Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой хæдзæрттæ газæй ифтонг кæныны фарстайыл дæр. Фæллой æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алинæ куыд фæбæрг кодта, афтæмæй ацы уæлæмхасæн æххуысæн республикæйы бюджетæй хайгонд æрцæудзæн 14 милуан сомæй фылдæр. Спайда дзы кæндзысты бирæсывæллонджын бинонтæ, стæй сывæллæтты регионалон фиддонтæ чи исы, уыцы цæрджытæ.
Уымæй уæлдай, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, æмæ æххусцух иунæгæй цæрæг адæм. Зкакъоны проектмæ гæсгæ, хæдзармæ газ æрбауадзыны хæрдзты 50% хицауад йæхимæ райсдзæн. Сæрмагонд æххуысы фæрцы уыдзæн фадат проектон-хыгъдон гæххæттытæ бацæттæ кæнынæн, кæнæ газы ифтонггæрзтæ балхæнынæн. Æрмæст компенсаци у 57 мин сомы онг.
Хицауады