Æхсæнадон советы уæнгтæ сæ хъуыдытæ загътой Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уый фæдыл

Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы уæнгтæ, бæстæйы президент Владимир Путин Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци саразыны хъуыды рахаста, уый банымадтой растыл. Абон горæты администрацийы уый фæдыл уыд æмбырд. архайдтой ма дзы республикæйы ветеранты советы æмæ «Иры Стыр Ныхас» -ы уæнгтæ, Хæлардзинады хæдзары, Десантон æфсæдтонты цæдисы, стæй Теркаг хъазахъхъаг æфсады æхсæнады минæвæрттæ. Се ’ппæт дæр ацы хъуыддаджы фæдыл фæнысан кодтой сæ хъуыдытæ. Куыд загътой, афтæмæй цæттæ сты Донбассæй лигъдонтæн алывæрсыг æххуыс бакæнын. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top