Ахæм хабæрттæ// 2022/ 25 февраля

Республикæйы ковид-стационарты ныртæккæ дзæбæх кæнынц 674 адæймаджы. Уæгъд бынæттæ та дзы ис 370, ома 35%. Эпидемиологон уавæр фæхуыздæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой оперативон штабы æмбырды. Скъоладзутæн æнæмæнг хæрзад хæринаг. Дзæуджыхъæуы хойрæгты комбинаты ныййарджытæн фадат уыд сæ сабитæн цы хæринаг цæттæ кæнынц, уый фенын. Дзæуджыхъæуы базарадон центртæй иуы зынгхуыссынгæнджытæ архайдтой сæ арæхстдзинад бæрзонддæр кæныныл. Сæрмагонд ахуырты æрхъуыдыгонд цаумæ гæстæ уым æрцыд зынгсирвæзт. Куыд сæххæст кæдтой сæ хæстæ, уый тыххæй нæ программæйы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top