Æрæфы районы нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ федералон проект фæлгæты

Ног къахвæндæгтæ, бандæттæ, рухсдæттæн системæ. Цæгат Ирыстоны фæлладуадзæн бынæттæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уый къухы `фты цæрæнбынæтты ифтонгдзинад æмбæлгæ кæныны федералон проекты фæлгæты. Программæйы сæйраг нысан - адæмы удæнцой. Ныридæгæн куыстытæ цæуынц республикæйы алы ран дæр. Æрæфы районы проект куыд æххæст кæнынц, уый радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Цыколайы сæйраг уынгыл цæттæгæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Кусджытæ калынц зæронд асфальт. Национ проекты фæлгæты фæндаджы уæлцъар ногæй баивдзысты. Хъæуы цæрджыты бон уыдзæн ацы бынаты сæ уæгъд рæстæг æрвитын. Фæзындзæн дзы бандæттæ, рухсдæттæн системæ, гæрæнтæ. Уый фæрцы сывæллæтæн тезгъо кæнынмæ дæр фадат уыдзæн. Ахæм фæлладуадзæн бынат хъæуы астæу фæзынд Лескены цæрджытæн дæр. Ам проектыл бакуыстой дыууæ къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг уал, 2018-æм азы сарæзтой гæрæнтæ, къахвæндæгтæ æмæ бандæттæ. Уый фæстæ хи ирхæфсæн бынаты æппæт уавæртæ сарæзтой сабитæн дæр. Дарддæр кæцы æхсæнадон бынат снывыл кæндзысты, уый цæрджытæ равзардзысты сæхæдæг. Схъæлæс кæнæ
Back to Top