Æрæфы район. Комæй коммæ

Абон фыццаг хатт хæлд æрцыди программæ «Комæй-коммæ»-йы эфир. Ацы телепроекты мах фæдзурæм Цæгат Ирыстоны бæлвырд хъæуты æмæ районты риссаг фарстатыл. Ацы хатт не студимæ фæхуыдтам Лескены æмæ Толдзгуны администрациты сæргълæуджыты. Кæд развæлгъау семæ баныхас кодтам, комкоммæ эфиры сæ архайын кæй хъæудзæн, уæддæр нæм æрбацæуыныл нал сразы сты. Не ‘рбарвыстой сæ хæдивджыты дæр. Разыйы дзуапп нæ райстам Æрæфы районы сæргълæууæг Хамикъоты Барисæй. Эфирмæ йæхæдæг не ссыди, нæ нæм рарвыста йæ кусджыты дæр. Программæйы амонæг Гуыбаты Людмилæйæн æндæр гæнæн нал уыди, æмæ ныхас кæнын райдыдта афтид бандæттимæ. Æмæ нæ уацхæсджытæ цы æрмæджытæ бацæттæ кодтой, уыдонæн бæрнон адæймæгтæ комментаритæ афтæ дæр нæ радтой. 60 минуты бæсты программæ цыди 29 минуты. Фæлæ нæм ис æхсызгон хабæрттæ дæр. Нæ программæйы рацыди, дзырддаг комкоммæ эфиры фæдыл конд сæрмагонд сюжет. Фарныхъæуы сæргълæууæг Галуаты Зауыр адæмæн бацархайдта бамбарын кæнын, «сыгъдæгдзинады» тыххæй йæ ныхæсты цы хъуыды сæвæрдта, уый. Уымæй размæ йæ ныхæст
Back to Top