«Ирон хъазт»

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Сохиты Ланæ бацархайдта Цæгат Кавказы Фæсивæдон форум Машукы æмæ рамбылдта грант. Йæ проект хуыйны «Ирон хъазт». У зонадон. Бакуыста йыл бæстонæй, æрæмбырд дзы кодта æппæты ахсджиаг æмæ сæйрагдæр фæрстытæ. Йæ саразыны тыххæй йыл бирæ нæ хъуыды кодта. Æххуыс ын фесты йæ бинонтæ дæр. Афтæмæй сæ цымыдисаг хъазт парахат кæны. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Цыæ рмæг бацæттæ кодта, уымæ ма бакæсут Афтæ Сохиты бинонтæ æнгомæй арвитынц сæ изæр. Хæдзары сывæллæттæ гауызыл æрбадынц æмæ кæрæдзимæ цымыдисаг фæрстытæ фæдæттынц. Ахæм хъазт сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Стырæй-чысылæй дзуапп радтынмæ суанг рады ралæууынц. «Ирон хъазт». Афтæ хуыйны Сохиты Ланæйы проект. Йæ саразыны тыххæй йыл бирæ нæ рахъуыды-бахъуыды кодта. Фарон архайдта Цæгат-Кавказы Фæсивæдон форум «Машук»-ы. Эксперттæн раргом кодта йæ фæндтæ. Цавæр у йæ проекты сæйраг нысан, уый махæн дæр базонын кодта. Хъазт арæзт у алыхуызон фæрстытæй. Баст дæр алыхуызон къабæзтимæ сты. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбыр
Back to Top