Альбина Секинаева - Бинонты мæсыг

Бинонты мæсыг - Альбина Секинаева слова: Ахсар Чеджемов музыка: Альбина Секинаева Мæ уæздан фыд, æз дæн мæ цардæй разы, Дæ амондæй мæ сбуц кодта Хуыцау, Æмæ дæ, цыма, дун-дуне дæр уарзы Дæ зарæггæнæг, де ’рвхуызцæст чызгау. Æз дæ уыдтон, цæвæгæй хос куыд карстай, Куыд ластай хъæдæй дзаг суджы уæрдон. Уæддæр-иу мæ дæ фæллад къухты хастай, Уæддæр-иу хур дæ цæстыты уыдтон. Базард: Мæ кадджын фыд, ды бинонты мæсыг дæ, Дæ ном дзуры мæ фæндыры хъæлæс. Дæуимæ æз ирон зæххыл хъæздыг дæн. Нæ ирон зæххыл базырджын дæн æз. Изæрыгон къæсæрыл-иу куы рбадтæ, Сыгъзæрин мæй йæ дзаг цæстæй куы каст, Уæд-иу дын мах дæ зæрдæйы уаг хатгæ, Нæ гыццыл кæрты ацарæзтам хъазт. Фæндырдзагъдмæ къахфындзтæ-иу куы ’рсагътай, Æндæр цин ма дæ цотæй уæд кæй хъуыд, Уæд-иу ды та дæ мидбылхудгæ загътай: \“Чызджытæ, охх, мæ фæллад ныр ыссыд\“. Базард. Мæ мад цыма, æнцад цæугæдон, афтæ, Мæ зынаргъ фыд та — урс хохы хуызæн. Уæ дыууæйæн дæр арфæ кæнын, арфæ. Зæрдæйы фарнæй срæсугъд кодтат мæн.
Back to Top