Ахæм хабæрттæ // 2021 / 24 марта

Кировы районы райрæзтыл æмæ йæ ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Азымты Иринæ. Цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты, уый тыххæй радзурдзыстæм. Ахадгæ æххуыс, боныхъæды аххосæй арæны сæрты ахизын кæй къухы не ’фты, уыдонæн. Арвыкомы фæндаг байгом кæнынмæ цы шофыртæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæн сарæзтой тæвд хæринаг æмæ хъармгæнæн пункттæ, стæй хи ныхсынæн уавæртæ. Æгас дунейы бæрæг кæнынц тарнизимæ тох кæныны æппæтдунеон бон. Мингай адæмæн æрвылбон сæ адзал æрцæуы ацы рынæй. Цæгат Ирыстоны йемæ куыд тох кæнынц, уый базондзыстут. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top