Ахæм хабæрттæ // 2021 / 31 марта

Цæрджыты æнæниздзинадмæ хъæуы лæмбынæг цæстæнгас. Ахæм хæс æххæстгæнæн оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады размæ сæвæрдта Битарты Вячеслав. Се ’ргом цæмæ аздæхтой хицауады хæдзары? Паддзахадон æххуыс бакодтой сæрмагонд программæйы фæлгæты. Дзæуджыхъæуы администрацийы 13 æрыгон бинонтæн радтой цæрæнбынæтты сертификаттæ. Æхцайы фæрæзтæй уый цас у? Рассвет æмæ Дæллаг Фыййагдоны цæрджытæн сæ бон уыдзæн фыццаг медицинон æххуыс райсын. Хъæуты байгом ног фелсырон-акушерон пункттæ. Бæстыхайы уавæртæм æркастысты нæ уацхæсджытæ.
Back to Top