Ахсар Джигкаев - Уæд фæлтау

Уæд фæлтау - Ахсар Джигкаев слова: Исидор Козаев музыка: Ахсар Джигкаев «Уæд фæлтау...» Æз мæ цард мæ Ирæн радтон – мæ адæмæн, Худинаг сын не ’рхастон мæ сæрмæ. Гъе, уæдта, мæ мад, мæ фыды хатырæй Мæн мæ Ирмæ ма ’рласут æфсæрмæй. Хорз лагæн йæ уæлмæрд ис йæ фыды цур, Номдзыд лæг хъæубæстæн куыд у, афтæ. Кæд дæ цард нæ арвитай дæ хæхты цур, Уæд дзæгъæл фæуыдзысты дæ азтæ. Сау цæргæс йæ мæлæт хæхтæм ахæссы, Хорз лæг та фыдыуæзæг ыссары. Иры хæхтæ ― дунемæ ма акæсæн, Бæрзæндтæй Ирыстон зарæг зары. Æз мæ цард мæ Ирæн радтон – мæ адæмæн, Худинаг сын не ’рхæстон мæ сæрмæ. Гъе, уæдта, мæ мад, мæ фыды хатырæй Мæн мæ Ирмæ ма ’рласут æфсармæй. Кæд фæндаг нæ мæсгуытæм æз нал арон, Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн, Уæд уыдтæн Фыдыбæстæн æцæгæлон, Уæд æнæбарст нæ арфæ, нæ фидæн. Кæд миййаг нæ уæлмæрдты фæдзæгъæл уон, Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн, Уæд уыдтæн Фыдыбæстæн æцæгæлон, Уæд æнæбарст нæ арфæ ’мæ фидæн. Кæд фæндаг нæ мæсгуытæм æз нал арон, Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн, Уæд уыдтæн фыдыбæстæн æцæгæлон, Уæд æнæбарст нæ арфæ, нæ фидæн.
Back to Top