Инна Гучмазова - Мæ цард мын ма барут æрдуйæ

Мæ цард мын ма барут æрдуйæ - Инна Гучмазова слова: Исидор Козаты музыка: Ахсар Джигкаев Мæ цард мын ма барут æрдуйæ. Ысурс мæ сæр. Æппæтæн — рад. Куы цæуон азтимæ æмдзуйæ, Уæд уый куыд ысхонæн ис цард! Фæдæн, Ирыстонау, гæрæхты, Куы кодта уадтымыгъ æхситт. Æвæрдта митхалас нæ хихтыл, Уæд уый мæ сæрыл уарыд мит. Зæгъыс, мæ роцъо дæр ныццыргъау, Мæ ных ыссывтытæ æвæрд. Уый Иры хъысмæты цыргъ дзыргъа Мæ ныл дæр иудадзыг ныдзæвд. Уæтæры бæласау тæслыгтæ, Зæгъыс, зынгарыд дæн, къуыхтæ. Удæстæн а-хæхты цæссыгтæй, Æмæ сæ пиллоны сыгътæн. Зæгъыс, нæ мæсгуытау æз — ностæ, Зæронд Ирыстонау — æфхæрд. Мах хъысмæт иу
Back to Top