Алчидр, нмнг, й царды фндгтыл цугй, цаврдр рагон дзаумттыл фемблы

Алчидæр, æнæмæнг, йæ царды фæндæгтыл цæугæйæ, цавæрдæр рагон дзаумæттыл фембæлы. Фæлæ сæм йе `ргом нæ аздахы, нæ ахъуыды кæны, кæдыккон у æмæ цы дуджы историйы æвдисæн у. Афтæ иу бон Зилгæйы бæрæг кодтой Бæтæгаты-Моргуаты Тамарæйы 101 азы. Хæдзар адæмæй байдзаг. Фæлæ уыцы æмызмæлды мæ цæст æрхæцыд рагон агуыридурæй амад хæдзар æмæ кулдуарыл. Уый мын æфсон фæцис ногæй Зилгæмæ æрцæуынæн æмæ бæлвырддæр, Тамарæйы бинонтæ чи уыдысты æмæ йæ чызг Бæтæгаты Зойæ ныр дæр ма цы хæзнатæ хъахъхъæны, уый базонынæн. Кæсут #Заманæй 27-æм июны 17:50 Source: IrystonTV
Back to Top