Республикæйы аразынц транзитон транспорты товартæ рæстæгмæ дарæн сæрмагонд скълæдтæ

Республикæйы райдыдта транзитон транспорты товартæ рæстæгмæ дарæн сæрмагонд скълæдты арæзтад. Сараздзысты сæ Гуырдзыстонимæ арæныл автомобилон контролон-уадзæн пункт “Уæллаг Ларс“-ы районы. Ацы аз уал фæзуаты алыварс сæвæрдзысты гæрæнтæ, бауаддзысты йæм коммуникцитæ. Иннæ аз та фæнд кæнынц техникæ балхæнын: рентгены сæрмагонд кусæнгæрзтæ, товарты уæз барæнтæ, æвгæнæн техникæ. Проекты ’руаджы бантысдзæн саразын 100 куысты баныты. Республикæйы экономикон райрæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоровы ныхæстæм гæсгæ, скълæдтæ арæзт æрцæудзысты 2027-æм азы райдианмæ.
Back to Top