Ахæм хабæрттæ// 2022/ 24 марта
Паддзахадон æххуыс райсдзысты республикæйы куыстуæттæ, экономикон уавæры аххосæй кæй архайд фæцуда, уыдон. Фæрæзтæ рахай кæндзысты бæстæйы уæлæмхасæн фондæй. Цæуыл ма ныхас цыд хицауады æмбырды, уый радзурдзыстæм.
3 боны дæргъы технопарк «Кванториум»-ы цæуынц проектон ахуыртæ. уыцы ’мгъуыдмæ сывæллæттæ хъуамæ бацæттæ кæной сæхи проекттæ. Сæ архайды тыххæй - нæ программæйы.
Тарниз йӕ райдинӕй раиртасын æмæ йæ æмбæлгæ хуызы дзæбæх кæнын. Тарнизимæ тохкæныны æппæтдунеон бон ацы фарстатæ вæййынц уæлдай ахсджиаг. Республикæйы ацы хъуыддаджы фӕдыл куыст куыд цæуы, уый радзурдзыстæм.
_________________________
Мы рядом в: