Лагерь «Хохаг»-ы бацæттæ кодтой æвзагзонынадон ахуырадон сменæйы кæронбæттæны мадзал

Бæндæн æлвасын, фатæй æхсын, хъулæй хъазын æмæ ма æнæр рагон ирон хъæзтытыл сахуыр сты лагерь «Хохаг»-ы архайджытæ. Проектыл бакуыстой фæллой æмæ социалон рæзты министрад æмæ фæсивæды æфсæддон патриотон хъомыладон центр. Абон æвзагзонынадон-ахуырадон сменæ кæронмæ æрхæццæ. Сабитимæ куыстой фæлтæрдджын педагогтæ. Цымыдиссаг лагеры тыххæй Калоты Дзерассæйы æрмæг. Цы у æлвисæн, пирæн кæнæ æлхуый. Ацы хуымæтæг дзырдтæ фæсивæд æрæджы дæр ма нæ зыдтой. Ныр сæ бон мадæлон æвзаджы сусæгдзинæдтæй раппæлын у. Уыимæ истори, топоними, культурæ æмæ æгъдæуттæ хуыздæр зонын райдыдтой. Сæрдыгон лагерты иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд Хъайтыхъты Азæмæт. Лагерь «Хохаг»-мæ сразæнгард кодта йе ’мгæртты дæр. Æмæ нæ фæфæсмон кодтой. Ирон æвзагыл дзурын ахуыр кодтой, йæ мадæлон кæмæн у, æрмæст уыцы сывæллæтты нæ, фæлæ æндæр адæмыхаттыты минæвæртты дæр. Кристина Федюшкина куыд зæгъы, афтæмæй, цы базыдта, уыдон ын фæпайда уыдзысты сом бон дæр. Æрвылбон дæр лекцитæ, хъæзтытæ, кæфтытæ æмæ цымыдисаг балцытæ. Лагеры разамонæг Касаты Аслæнб
Back to Top