Лагерь «Хохаг»-ы сывæллæттимæ кусдзысты æвзагзонынадон-ахуырадон программæмæ гæсгæ
Ирон æвзаг, культурæ æмæ æгъдæуттыл сывæллæтты ахуыр кæндзысты Урсдоны лагерь «Хохаг»-ы. Æртæ къуырийы фæсивæдимæ æвзагзонынадон-ахуырадон программæмæ гæсгæ кусдзысты фæлтæрдджын специалисттæ. Проектыл архайдтой къорд азты дæргъы, фæлæ йæ снысан кодтой ацы аз. Хъомылгæнджытæ æмæ сывæллæттæ сæхи куыд цæттæ кæнынц ног гæнæнтæм, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ.
Лагеры фыццаг бон. Бирæтæн ног бынат. Кæмæндæр та йæ алы къуым дæр зонгæ. Фæлæ се ’ппæтæн дæр ног у иу хъуыддаг – æппæт ирхæфсæн мадзæлттæ дæр ирон æвзагыл. Зæгъæм, райсомæй физкультурæйы урок хуымæтæг нал уыдзæн. Амондзысты йæ иронау. Æмæ афтæ