Хабæрттæ // 2021 / 9 декабря

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллинимæ. Æрдзырдтой нæ регионы социалон-экономикон райрæзтыл. Сæрмагондæй Хъызлары ног скъолайы арæзтадыл. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатыры бон. Кадджын мадзæл ацыд Цæгат Ирыстоны дæр. Кад сын скодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Фæсивæдæн хуыздæр уавæртæ. Республикæйы цалдæр скъолайы национ проекты фæлгæты бындуронæй сцалцæг кодтой спортивон залтæ. Куыстыты хæрзхъæддзинад сбæрæг кодтой адæмон фронты уæнгтæ. Сæ балцы хатдзæгты тыххæй радзурдзыстæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top