Ахæм хабæрттæ// 2022/ 13 января

Сергей Меняйло схорзæхджын кодта республикæйы сæргълæууæджы премийы лауреатты. Уæрæсейы мыхуыры бон дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ сæ хæрзиуджытæ райстой. Се ’хсæн нæ телеканалы кусджытæ дæр. Абон ма аккаг аргъ скодтой бархионты архайдæн дæр. 100 адæймагæй фылдæр райстой кады гæххæттытæ, майдантæ æмæ бузныджы фыстæджытæ сæ æвæллайгæ куысты фæдыл. «Комфортная городская среда» федералон программæмæ Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц цалдæр азы. Æнтыстджынæй æви нæ уый базыдтам. Адæмон фронт байхъуыста бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top