Ахæм хабæрттæ // 12 февраля 2020

Наркотиктæ æнæзакъонæй уæй кæныны тыххæй кæй азымджын кæнынц, уыдоны æрцахстой Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ. Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæг, барадхъахъхъæнджытæ сбæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хостæ. Цы сæм æвзиды ныр, уый тыххæй радзурдзыстæм. Уырыссаг æвзагæй кæронбæттæн ныхас ахицæн Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæн. Сæрмагонд хæслæвæрдты фæрцы сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой 9-æм къласы ахуырдзаутæ. Цавæртæ уыдысты æмæ сæ куыд бæрæг кæндзысты ныр, уый базондзыстут. Цæгат Кавказы истори æмæ культурæйы æууæлтæ иртасынц ахуыргæндтæ. Сæрмагонд конференци сарæзтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Бацархайдтой дзы 80 адæймагæй фылдæр. Цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты, уый тыххæй аныхас кæндзыстæм нæ уазæгимæ. _ Мы рядом в:
Back to Top