Ахæм хабæрттæ// 2021/ 17 ноября

Республикæйы байгом ноджыдæр иу колл-центр. Кусдзæн Уæрæсейы скъоладзауты змæлды бындурыл. Бархионтæ телефонæй дзурынц коронавирусæй рынчынтæм. Фæрсынц сæ се ’нæниздзинады тыххæй. Сывæллæтæн паддзахад æххуысы хуызы цы фæрæзтæ дæтты, уыдонмæ Мæздæджы цæрджыты бахъæуы æнхъæлмæ кæсын. Афойнадыл сæ цæуылнæ фидынц, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Ресурсон центрмæ æрбацæугæйæ фæкæсинаг бинонтæн райсæн уыдзæн æххуыс. Дзæуджыхъæуы райдыдта кусын æххуысцух бинонтæн хæрзаудæн проект. Мадзалы фæлгæты хъæугæ дзауматæ исдзысты сæрмагонд центры. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top