Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц 1132 адæймаджы
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц - 1132 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та сси 2100 адæймаджы.
Тагъд æххуысы Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 349 пациенты, иу бонмæ сæм бафтыд 60 адæймаджы. 173 дзы сты коронавирусы инфекци кæмæ рабæрæг, уыдоны корпусы. Улæфæн аппаратты бын сты 17 адæймаджы.
Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны инфекцион корпусы ис 8 сывæллоны æмæ 3 хистæр кары адæймаг. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 2 сабимæ.
_
Мы рядом в: