Хъуысаты Эльвирӕ I Цы сусӕг кӕныс

Бирӕтæ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ артистты цард сценӕйы куыд вӕййы, афтӕ у. Цӕхӕркалгӕ, ирд, рӕсугъд, хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕнӕмӕт. Афтӕ у ӕви нӕ, ууыл ныхас кодтам Хъуысаты Эльвирӕимӕ. Йӕ зӕрдӕйы арфы цы ис? Цӕуыл фӕцин кӕны? Ӕгӕрон уарзт кӕй кӕны? Уый нын нӕ басусӕг кодта. 00:00 Программæйы сæр 00:20 Разныхас 01:08. Уазæг æрбацыд 02:26 Æз дæн хуымæтæг елхотаг чызг. Мæнмæ гæсгæ адæймаг хъауа цы у, ахæм хъуамæ уа. 02:47 Цыфæнды ран, кæнæ бынаты кусай, уæддæр æй хъуамæ хъуыды кæнай чи дæ æмæ кæцæй рацыдтæ, уый. 03:17 Мæ фындзыл хæрдмæ никуы схæцыдтæн. 04:18 Æз мæхæдæг фыццаг хатт куы федтон Дудиаты Володяйы æмæ Реуазты Симæйы. 04:47 Стыр бузныг се ппæтæн дæр, зæрдиагæй чи бацин кæны, зарджытæ чи уарзы, уыдонæн 05:31 Алы зарæг дæр арфæйы хуызæн 05:52 Уæдæ уарзондзинадыл кæдмæ зардзыстæм 06:09 Кокайты Тотрадзы, Гаглойты Индирæ, Чеджемты Æхсары тыххæй 07:25 Автобиографион зарджытæ дæм ис? 07:51 Æмбæлтты æмæ æмбалдзинады тыххæй 09:24 Алцыдæр æрдз дæтты, удыхъæдæй у 09:46 «Мæнæн-иу мæ мад загъта, аст сахатæй фæстæдæр искæй хæдзары уæвын худинаг у» 10:20 Зарæггæнджытæ бирæ: ахуырæй æви æрдзæй у? 11:12 Æз заманхъулæгтыд дис фæкæнын – тынг зараг сты. Зæнджиаты Уырысбийы тыххæй 12:12 Фонограммæйы тыххæй, хъæуты концертты тыххæй 13:27 Карз дзурын мæ бон никæимæ у 13:54 Фонограммæ дзы куыд агуырдтой 15:16 Æз никуы никæй асайдтон. Чи цы у, иннæйы дæр уый хоны. 15:34 Фыдæнхъæл фæвæййын 16:20 Ма мыл рацу гадзрахатæй 17:14 Мæ зæрдæ куы фæхуда адæймагыл 18:07 Мæ уæздандзинад мын æдылыдзинадыл ма нымай 19:00 Кæрæдзийы сæрыл хæцын хъæуы 19:29 Мæ мад-иу афтæ загъта «мидæмæ мæм ныхам ма хæссут...» 20:00 Хоты цард 20:52 Мæ хистæр хо 3 азы размæ амард. Мачи йæ бавзарæд 22:18 Æппæтæй зынаргъдæр адæм абон мæ фарсмæ нал сты. Мæ фыдимæ тынг лымæн уыдтæн. Йæ ныхæстæ мæнæн кодта. 23:52 Зианты фæстæ Эльвирæ сценæмæ куыд цыд «Ме `фсымæры 9-азыдзыд чызг куы амард, уæд концертимæ хъуамæ Туркмæ ацыдаин»... 27:21 Æз мæхи нымайын тыхджын адæймагыл 29:20 Эльвирæ йæ ныййарджыты хуызæн цæмæй у? 29:55 Эльвирæйы фыдæн дыууæ мады уыди... Дыккаг ус куыд æрхаста... 31:53 Йæ нанамæ уарзондзинады тыххæй 33:34 Бинонты кæстæртæ хъуыддаг цæуыннæ кæнынц? 34:40 Нæлгоймаджы миниуджыты тыххæй 36:50 Эльвирæйы фæндид бирæсывæллонджын бинонты цæрын? 38:32 Йæ фыд ын йæ мады куыд аскъфта 38:09 Чындзыты тыххæй 41:49 Куыстæй хъомылад, колхозтæм куыд цыдысты 44:26 Сывæллæттæй куыд хъазыдысты 46:01 Ныры дуджы кæстæрты миниуджытæ 47:49 Елхотæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр хъæу нæй 46:49 Сывæллонæй йын фæндыр куыд балхæдтой 51:50 Фæндырæй цæгъдын кæмæ ахуыр кодта? 52:23 Фæндыр йæ къухтæм арæхдæр кæд райсы æмæ цавæр цагъд фæкæны? 52:51 Чи ныффыста зарæг «Цы сусæг кæныс» 53:53 Хъуысаты Эльвирæ йæ сусæг ныхæстæ кæмæн фæкæны? 54:53 Райсомæй раджы цæмæ хъусын уарзы? 56:21 «Цалынмæ ма мад и, уæдмæ æз мæ мадмæ цæуын» 57:22 Æппæтæй сусæг мысинаг 58:08 Хъуысаты Эльвирæ цæмæ бæллы 1:00:29 Æз нырма мæ хуыздæр зарæг нæма акодтон 1:01:19 Эльвирæ зары 1:03:03 Кæронбæттæн ныхас 1:05:32 Эльвирæйы бузныг 1:06:58 Финал шапка _________________________ Мы рядом в:
Back to Top