Ставд-Дуртыл æххæст кæны 100 азы | Комæй-коммæ

Октябры революцийы фæстæ Ирыстоны хæххон хъæуты цæрджытæн фадат фæзынди быдырмæ раивынæн. 1920-æм азы фæстæ хохæгтæй бирæтæ æрлыгъдысты, фосхизæнтæ, уыгæрдæнтæ æмæ цæхæрадæттæ скæнæн кæм уыди, ахæм зæххытæм. Æрмæст 1923-æм азы Ирыстоны фæзынди 4 ног хъæуы: Къостайыхъæу, Толдзгуын, Фыййаджыбыл æмæ Ставд-Дуртæ. Ацы аз ахызтысты сæ æнусы сæрты. Фæлæ мах нæ студийы не ргом аздахдзыстæм æрмæст иумæ - Ставд-Дуртæм. 30-æм сентябры уыдзæн хъæуы бæрæгбон. Цавæр æнтыстытимæ æмæ сагъæстимæ æмбæлынц сæ хъæуы юбилейыл Ставд-Дурты цæрджытæ? Ууыл дзурæм нæ рауагъды. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top