Олег Тайсаев - Лескен

Лескен - Олег Тайсаев Мæ уарзон гъæу Лескени Хорбæл барунцæ адæн. Зинаргъдæр къум ке нæййес Æнæгъæнæ дуйнебæл. Базард: Ма мæ рахонæ мæнгарт, Фал хуæрун дæ цори арт. Пъариж дæр хуæздæр ке нæ ‘й Мæ рæсугъд гъæу Лескенæй. Базард. Сослани ‘нгурæ гъæубæл Дигоргом ку рагæлдзуй, Мæ гъæубæстæ наррохсуй, Уæд байгон уй арви конд. Базард. «Уанæбæрæг, ци Дзенет» – Ку мæ бафæрса еске – «Æдæуагæ, æнæсек Уæлæбæл е æй Лескен!» Базард. Нæ гъæубæстæ адæммæ. Eугурæйдæр хуарз æгъдау, Ахургæндтæй сæрбæрзонд. Базард. Æ гъæбеси дæу даруй Сугъзæрийнæ Иристон. Æвæллайгæ дин заруй Нæ дессаг Ирæфи дон.
Back to Top